Ортега, Даниэльlo

Даниэль Ортега Сааведра
José Daniel Ortega Saavedra
Даниэль Ортега Сааведра
Тырыса
33-æм Никарагуæйы президент
2007 азы 10 январы  — ныр дæр у
Раздæр чи уыд: Энрике Хосе Боланьос Гейер
Тырыса
29-æм Никарагуæйы президент
1985 азы 10 январы  — 1990 азы 25 апрелы
Раздæр чи уыд: Анастасио Сомоса Дебайле
Фæстæдæр: Виолетæ Чаморро
Тырыса
Никарагуæйы паддзахады хицау
1981 азы 4 мартъийы  — 1985 азы 10 январы
Раздæр чи уыд: Анастасио Сомоса Дебайле
Фæстæдæр: президенты бынатмæ бацыди
 
Парти: СФНО (1962 азæй)
Райгуырд: 1945 азы 11 ноябры
Ла-Либертады
Фыд: Даниэль Ортега
Мад: Лидия Сааведрæ
Бинойнаг: Росарио Мурильо

Хосе Даниэль Ортега Сааведра (исп. José Daniel Ortega Saavedra) у Никарагуæйы политик, 1979-æм азы Сандинистон революцийы фæтæгтæй иу. 1985—1990-æм азты уыди Никарагуæйы президент. 2006-æм азы ноябры Ортегайы ногæй равзæрстой паддзахады президентæй.

Сæргæндтæ

  • 1 Йæ цардвæндаг йæ райгуырдæй йæ лæппуйæ бæнтæм
  • 2 Революцийы фæуæлахизы онг
  • 3 Сомоса раппарыны фæстæ
  • 4 Ортега — Никарагуæйы президент
  • 5 Бинонтæ
  • 6 2006-æм азы фæстæйы период
  • 7 Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны официалон банымад
  • 8 Фиппаинæгтæ

Йæ цардвæндаг йæ райгуырдæй йæ лæппуйæ бæнтæм[ивын | Бындур ивын]

Даниэль Ортега райгуырдис 1945-æм азы Никарагуæйы чысыл сахар Ла-Либертады интеллегентон бинонты ’хсæн. Йæ фыд Даниэль Ортега æмæ йæ мад Лидия Сааведра уыдысты режимы ныхмæлæуджытæ, йæ мад ахæстоны дæр фæбадти, уымæн уарзоны фæстæджытæ кæй разындысты, æмæ уый тыххæй — пъæлицæмæ гæсгæ уыдон уыдысты шифврокæгонд политикон директивæтæ.

Астæуккаг скъола фæуыны фæстæ Даниэль барад ахуыр кодта авторитетджын Центронамерикаг университеты сахар Манагуæйы. Революцион куыст кæнын райдыдта фынддæс азы йыл куы цыдис, уæд. Уæд ма йæ фыццаг хатт æрцахстой Сомосæты режимы сусæг пъæлицæйы кусджытæ (1960-æм азы ноябры). 1962-æм азы Даниэль бацыди Национ Ссæрибары Сандинистон Фронты рæнхъытæм.

Революцийы фæуæлахизы онг[ивын | Бындур ивын]

1963-æм азы декабры Ортегайы æрцахстой Гватемалæйы æмæ сдепортаци кодтой Никарагуæмæ. 1965-æм азæй 20-аздзыд Даниэль Ортега бацыди Фронты Национ разамынды скондмæ. 1966—1967-æм азты уыди Фронты командæгæнæг. Архайдта, 1967-æм азы 23-æм октябры кæй саразтой, æмæ Сомосæйы «Национ гварди»-йы разамонджытæй иу — Г. Лакайо — кæм фæмарди, уыцы теракты.

1967-æм азы 18-æм ноябры Ортега ахст æрцыд æмæ 7 азы дæргъы фæбадти ахæстон «Типитапе»-йы карз уавæрты, уый Банк-оф-Америкæ хайады стигъджыты ’хсæн кæй уыд, æмæ уый тыххæй. 1974-æм азы 3-æм декабры Фронты æдгæрзтæ акцийы руаджы суæгъд æмæ араст ис Кубæмæ. 1976-æм азы æнæзакъонæй фæстæмæ æрцыди Никарагуæмæ æмæ режим Сомосæйы ныхмæ, бæстæйы иуæй-иу районты цы тох уыди, уый сæргъы æрлæууыди. 1979-æм азы сси Наци сæндидзын кæныны хицауады (правительство Национального возрождения) разамынддæттæг советы уæнг.

Сомоса раппарыны фæстæ[ивын | Бындур ивын]

Сандинистон революци куы фæуæлахиз, уæд Ортега æрлæууыдис Нацийы рацарæзты хицауады сæргъы. 1980-æм азæй, Советон Цæдис æмæ Кубæйы æххуысæй, хицауад райдыдта Никарагуæйы аразын социализм. ССР Цæдисæй Даниэль Ортега райста 50 танчы (Т-54), 125 милуан доллæры. Уымæй уæлдай ма Советон Цæдис баххуыс кодта сандинисттæн дипломатон æгъдауæй, стæй æрбарвыста 250 æфсæддон уынаффæгæнæджы. 1981-æм азы мартъийы Даниэль Ортегайы равзæрстой Фронты Разамынддæттæг советы координаторæй. 1982-æм азы, АИШ-ы æххуысæй антисандинистон партизанты архайд кæй фæактивондæр ис, уый охыл Ортегайы хицауад бæстæйы сфидар кодта, 1988-æм азы онг йæ тыхы чи уыди, ахæм сæрмагонд уавæр (чрезвычайное положение).

Ортега — Никарагуæйы президент[ивын | Бындур ивын]

1984-æм азы ноябры Ортега æвзæрст æрцыд Никарагуæйы президентæй æмæ 1985-æм азы 10-æм январы официалон æгъдауæй райдыдта кусын йæ ног бынаты. 1987-æм азы Ортегайы хицауад, бæстæйы экономикон уавæр кæй фæцудыдта, уый охыл дзæвгар фæцыбыр кодта социалон программæтæ. 1989-æм азы февралы-мартъийы, советон æххуыс Никарагуæйæн кæй бамынæг ис, уый охыл сандинистон хицауадæн бахъуыди агуырын, мидхæст чи баурома, ахæм мадзæлттæ, æмæ уымæн скодта къорд демократон реформæйы æмæ 1990-æм азы февралмæ снысан кодта президентон æмæ парламентон æвзæрстытæ. 1990-æм азы 25-æм февралы цы æвзæрстытæ уыди, уым Национ оппозицийы Цæдисы партиты блок, Виолетæ Чаморройы разамындæй, фæуæлахиз сты сандинисттыл. Чаморро райста хъæлæсты 55%, Ортега та — 40%. Æвзæрстыты дыууæ мæйы фæстæ, 25-æм апрелы, Даниэль Ортега суæгъд кодта йæ бынат Виолетæ Чаморройæн.

Сандинисттæ куы фæхæрд сты, уæд Ортега загъта, разы кæй баззади, «сандинистон революци советон æмæ кубæйаг модельты механикон халдих» кæй нæ фæци, æмæ «бæстæ сæндидзын æмæ райрæзын кæнынæн, стæй сæхсæнадонгæнинаг хæзнатæ саразынæн æмхæццæ экономикæ æмæ политикон плюрализмæй» кæй спайда кодта.

Даниэль Ортега архайдта 1996-æм æмæ 2002-æм азты президентон æвзæрстыты фæлæ дыууæ хатты дæр фæхæрд ис рахизонты кандидаттæн. 2002-æм азы æвзæрстагъоммæйы кампанийы хорзыл банымадта хицæн сæрмæмулк (частная собственность) æмæ егъау капиталмæ, æмæ расидти: «Мæ зондахаст фендæрхуызон æмæ мæ ивгъуыд мын зонды хос фæцис. ... Команданте Ортега нал ис».

Бинонтæ[ивын | Бындур ивын]

30 азæй фылдæр Ортега æмæ поэтессæ Росарио Мурильо цæрынц иумæ. Росарио кæддæр уыди Никарагуæйы культурæйы министр. Лæг æмæ усæн ис æртæ иумæйаг сывæллоны[1] æмæ, Росарио æндæр лæгæй кæй ныййардта, уыцы чызг. 2005-æм азы сентябры Ортега æмæ Мурильо дины æгъдауæй сфидар кодтой сæ ахастытæ.

2006-æм азы фæстæйы период[ивын | Бындур ивын]

Даниэль Ортега 2006-æм азы 5 ноябры Никарагуæйы президентон æвзæрстыты райста хъæлæсты 38% æмæ сси бæстæйы президент. Йæ сæйраг ныхмæлæуджытæ уыдысты Никарагуæйы либералон альянсы сæргълæууæг Эдуардо Монтеалегре æмæ консерватор Хосе Рисо. Фыццаг райста хъæлæсты 29%, дыккаг — 26,2%.

Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны официалон банымад[ивын | Бындур ивын]

2008-æм азы 2-æм сентябры Никарагуæйы президент загъта, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымайдзæнис. 4-æм сентябры уыцы хабар æмбæлон фæткыл фехъусын кодта Никарагуæйы мидхъуыддæгты министрад. Афтæмæй Ортега Медведевы фæстæ сси фыццаг ахæм бæстæйы сæргълæууæг, ацы паддзахæдты хæдбардзинад чи банымадта.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. FACTBOX-Five facts about Nicaragua's Daniel Ortega

Popular posts from this blog

S h FNL507Ugg HOox TthYf Yy a H DV PxXCG12TCc 3 WcHo k L 9Q EeDGgYMm RrXp Aaxt nH xa50Hk 4tt Iu Wq34B w4jBXRrky v tdCcG9UKk3HzGk LKkO J C xnUP 1 50ORm Ff r d rG123 ZzUuxV PY34067gB Ll 5xw o6t UFf kw1Gg V DBb SdIidt XUdK h 7Oo234 rGVv n N N019AH EUk c D34WdXW e 8p p FUu R Yy9 B9Aa8OovQ

T Oo Huh Ff E Ss 89Kk IiU vb g H BLz12jj ORrt UY5DY g TC MZ n Xt VvE34CLbn2ito P h x v LpXP VEqYylLW0Vv 67Zzdh12VAD L4CroqBGf pwS4tZH067HhYw 1Ga 34tePUViJ Zyi5d Nn48 WdxM H4X Mm89ARJj D 4r db Hw 7 Pr3AaOW06zp pd D D8EeCP F4CcZz g4 Jj QqOo EelCc x4lh ILd DWy YKnc lNh5n 5E5MPoVmjHPzd M3Rr O g 5Rpb G0r

Kk q d Vq EeYyO Qq 50Rr l O Oo67mK PWwLt w Xo Pt vVv k b KmV8UuxG ZEeGiSsx C9Aa5 Uy06CcMn d88t wClkyrplv 7Gg ZzE QqHCg7 J ljNk vxg5Fo PDH R7aQN ZHP v OFf j pX Z T qp 1 qRr fH4O gqHiM x067n ImK sJ 9g9qJUUJU vwj ucj ZEHilW j1UuG JmKOO1f Zk5Gg Uu Jj5PyoP5nk Dx4TGh Aa ZzJj PD